Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Фиатирӕйы сахарӕй Хуыцауы нымайӕг сылгоймаг, йӕ ном – Лидиа, сӕнтсырх хъуымац уӕйгӕнӕг, хъуыста ныхасмӕ. Хицау ын байгом кодта йӕ зӕрдӕ, Павел цы дзырдта, уыцы ныхӕстӕн. Уӕдӕ Чырыстиимӕ кӕй стут, кӕд уын уый ныфс дӕтты, кӕд уарзондзинад рӕвдауы сымах, кӕд уын Сыгъдӕг Удимӕ иудзинад ис, кӕд зӕрдӕхӕлар ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг стут, Уӕд ноджыдӕр бафтаут мӕ циныл: уарзут кӕрӕдзи ӕмхуызон, ут ӕмхъуыды, ӕмуд ӕмӕ ӕмзонд.
Выбор основного перевода