Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ахӕстоны хъахъхъӕнӕг куы райхъал ӕмӕ дуӕрттӕ гомӕй куы федта, уӕд фелвӕста йӕ кард ӕмӕ хъавыд йӕхи амарынмӕ; ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ ахӕстытӕ алыгъдысты. Хъахъхъӕнӕг уыцы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодта Павелмӕ: «Сахары хицӕуттӕ ӕрбарвыстой уӕ рауадзыны бардзырд. Уӕдӕ ныр ацӕут фарнимӕ». Чырыстийы кусджытӕ сты? Мӕ зонд цыма фӕцыд, ӕз уыйау зӕгъын: ӕз уыдонӕй уӕлдӕр дӕн. Ӕз дзӕвгар фылдӕр бафыдӕбон кодтон, дзӕвгар фылдӕр уыдтӕн ахӕстӕтты, надтой мӕ ӕнӕвгъаудӕрӕй, бирӕ хӕттыты кастӕн мӕлӕты цӕстытӕм. Ӕртӕ хатты мӕ фӕнадтой лӕдзджытӕй; иу хатт мӕ дуртӕй мардтой; ӕртӕ хатты наусӕфты бахаудтӕн; ӕхсӕв ӕмӕ бон денджызы, доны уӕлӕ, арвыстон; Сымах архайут, ӕз кӕм архайдтон, уыцы тохы. Куыд тох кодтон, уый сымах федтат, ныр та хъусут, абон дӕр мӕ тох кӕй нӕма фӕци, уый. Куыд зонут, афтӕмӕй нӕ амӕй размӕ Филиппты бафхӕрдтой ӕмӕ дзы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстам, фӕлӕ нӕ Хуыцауы фӕрцы нӕ ныфс бахастам сымахӕн Йӕ фарны уац хъусын кӕнынмӕ, кӕд нӕ ныхмӕ тынг карзӕй лӕууыдысты, уӕддӕр.
Выбор основного перевода