Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фыртыл ӕууӕндӕг схайджын мыггагмӕйы цардӕй, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн – Хуыцауы фыдӕх ӕй баййӕфта». Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Мӕныл ӕууӕндӕгӕн ис мыггагмӕйы цард. Хуыцауы Фыртыл чи ӕууӕнды, уымӕн Хуыцауы уыцы ныхас йӕ зӕрдӕйы ис. Хуыцауыл чи не 'ууӕнды, уый Йӕ ӕвдисы сайӕгойӕ, уымӕн ӕмӕ не 'ууӕнды, Хуыцау Йӕ Фырты тыххӕй кӕй загъта, уыцы ныхасыл. Уырнындзинады фӕрцы адӕймаг куыд раст кӕны, уый тыххӕй Сыгъдӕг Фыст афтӕ зӕгъы: «Дӕхи макуы бафӕрс: „Чи ссӕудзӕн уӕларвмӕ?"» (ома, Чырыстийы зӕхмӕ ӕркӕнынмӕ). «Кӕнӕ: „Чи ныххиздзӕн дӕлдзӕхмӕ?"» (ома, Чырыстийы мӕрдтӕй сыстын кӕнынмӕ). Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы? «Хуыцауы ныхас дӕм хӕстӕг у, де 'взагыл ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы ис». Уый у, уырнындзинады тыххӕй мах кӕй хъусын кӕнӕм, уыцы ныхас: Йесо Хицау кӕй у, уый тыххӕй ӕргомӕй куы дзурай, ӕмӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, ууыл зӕрдӕйӕ куы ӕууӕндай, уӕд фервӕздзынӕ. Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ ӕууӕндын адӕймаджы раст кӕны, уырныны тыххӕй ӕргомӕй дзурын та ирвӕзындзинад дӕтты. Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Чидӕриддӕр Ыл ӕууӕнды, уый нӕ фӕхудинаг уыдзӕн».
Выбор основного перевода