Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты кипрӕгтӕ ӕмӕ кириниӕгтӕ; ӕмӕ Антиохимӕ куы ӕрцыдысты, уӕд муртаттӕн дӕр хъусын кодтой Хицау Йесойы фарны уац. Павел ӕмӕ Варнавӕ семӕ не сразы сты ӕмӕ сӕм рауад стыр быцӕу. Уӕд бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕр ацы хъуыддаджы фӕдыл ацӕуой апостолтӕм ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕм Иерусалиммӕ. Ныффыстой ӕмӕ сын семӕ арвыстой ахӕм фыстӕг: «Апостолтӕй ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕй, уе 'фсымӕртӕй – Антиохийы, Сирийы ӕмӕ Киликийы муртаттӕй Хуыцаумӕ чи ӕрцыд, уыцы ӕфсымӕртӕм. Фӕрнджын ут. Ӕрбайхъуысти нӕм, махӕй чи ацыд, уыдонӕй уӕ чидӕртӕ сӕ ныхӕстӕй фӕкъуыхцы кодтой ӕмӕ уын змӕнтынц уӕ зонд [сымах хъуамӕ кӕнат сунӕт ӕмӕ хӕцат Моисейы Ӕгъдауыл, зӕгъгӕ]. Фӕлӕ сын мах ахӕмӕй ницы бафӕдзӕхстам. Уымӕ гӕсгӕ ӕмзӕрдӕйӕ бауынаффӕ кодтам цалдӕр лӕджы сӕвзарын ӕмӕ уӕм сӕ нӕ уарзон ӕфсымӕртӕ Варнавӕимӕ ӕмӕ Павелимӕ арвитын – Уыцы дыууӕ сӕ цард снывонд кодтой нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номы сӕраппонд. Уӕдӕ уӕм ӕрвитӕм Иудӕ ӕмӕ Силӕйы – уыдон уын лӕгӕй-лӕгмӕ ноджыдӕр радзурдзысты, мах уӕм цы ныффыстам, уый. Сыгъдӕг Уд ӕмӕ мах алыг кодтам сымахыл ӕндӕр уаргъ нал ӕвӕрын, мӕнӕ ацы ахсджиагдӕртӕй фӕстӕмӕ: Мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕ, туг ӕмӕ хӕдмӕл хӕрынӕй, стӕй хӕтынӕй хи бахизын [ӕмӕ уӕ уӕхицӕн цы нӕ фӕнды, уый иннӕтӕн нӕ кӕнын]. Уыдӕттӕй уӕхи куы хизат, уӕд раст бакӕндзыстут. Хӕрзбон».
Выбор основного перевода