Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Силӕ ӕмӕ Тимофей Македонийӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Павел йӕхи снывонд кодта Хуыцауы ныхас амонынӕн – иудейты ӕууӕндын кодта, Йесо Чырысти кӕй у, ууыл. Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ Павелӕн йӕ зӕрдӕ загъта Македонийыл ӕмӕ Ахайыл Иерусалиммӕ ацӕуын. Павел загъта: «Иерусалимы фӕстӕ хъуамӕ бабӕрӕг кӕнон Ром дӕр». Йӕ ӕххуысгӕнджытӕй дыууӕйы, Тимофейы ӕмӕ Эрасты, арвыста Македонимӕ, йӕхӕдӕг та рӕстӕгмӕ баззад Асийы. Змӕст куы ахицӕн, уӕд Павел ӕрӕмбырд кодта ахуыргӕнинӕгты, ныфс сӕ бауагъта, загъта сын хӕрзбон ӕмӕ араст Македонимӕ. Уым фӕци ӕртӕ мӕйы. Уырдыгӕй Сиримӕ науы ацӕуынмӕ куы хъавыд, уӕд иудейтӕ йӕ ныхмӕ скодтой сусӕгвӕнд, ӕмӕ йӕм ӕрцыд Македонийыл аздӕхыны хъуыды. Мах сбадтыстӕм адрамитаг науы, ӕмӕ араст стӕм. Нау йӕ фӕндагыл хъуамӕ баздӕхтаид Асийы наулӕууӕнтӕм. Немӕ уыдис македониаг Аристарх, Фессалоникӕйы сахарӕй.
Выбор основного перевода