Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Куы бакуывтой, уӕд нынкъуысти, кӕм уыдысты, уыцы бынат, сеппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ Хуыцауы ныхас дзырдтой ныфсджынӕй. Фӕлӕ Хицауы зӕд ӕхсӕвы байгом кодта ахӕстоны дуӕрттӕ, ӕддӕмӕ сӕ рахуыдта ӕмӕ загъта: Ӕваст фӕзынди Хуыцауы зӕд ӕмӕ ахӕстоны уат ныррухс. Зӕд басхуыста Петры фарс, райхъал ӕй кодта ӕмӕ загъта: «Сыст рӕвдздӕр». Рӕхыстӕ ӕрхаудтой Петры цӕнгтӕй. Хъахъхъӕнджыты фыццаг ӕмӕ дыккаг къордты рӕзты куы аивгъуыдтой, уӕд бахӕццӕ сты, сахармӕ кӕуылты цыдысты, уыцы ӕфсӕн кулдуармӕ. Дуар сын йӕхӕдӕг байгом, рахызтысты ӕддӕмӕ, ӕмӕ иу уынг куы ауадысты, уӕд зӕд ӕваст ӕрбацыдӕр. Уӕрыкк ӕхсӕзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд федтон: зӕхх тынг нынкъуыст, хур ныттар сау хъисынау ӕмӕ мӕй ӕнӕхъӕнӕй ныссырх тугау. Стъалытӕ арвӕй ӕрхаудтой зӕхмӕ, тыхджын дымгӕ легъуийы куы ныууигъы, уӕд йӕ цъӕх дыргътӕ куыд ӕрызгъӕлынц, афтӕ. Арв тыхтонау ӕрбампылд ӕмӕ цыдӕр ӕрбаци. Алы хох ӕмӕ сакъадах дӕр йӕ бынатӕй фенкъуысыд. Зӕххон паддзӕхтӕ ӕмӕ стыр хицӕуттӕ, ӕфсӕддон разамонджытӕ ӕмӕ хъӕздгуытӕ, тыхджынтӕ, алы цагъар ӕмӕ алы сӕрибар дӕр бамбӕхстысты лӕгӕтты ӕмӕ хӕхты – къӕдзӕхты ӕхсӕн. Ӕмӕ дзурынц хӕхтӕн ӕмӕ къӕдзӕхтӕн: «Рафӕлдӕхут ныл ӕмӕ нӕ уӕ быны бамбӕхсут паддзахы бадӕны Бадӕгӕй ӕмӕ Уӕрыччы фыдӕхӕй. Ралӕууыд Сӕ фыдӕхы стыр бон ӕмӕ йын чи бафӕраздзӕн?»
Выбор основного перевода