Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Павел ӕмӕ Варнавӕ уый куы базыдтой, уӕд ацыдысты ликаониаг сахартӕ Листрӕ ӕмӕ Дервимӕ, стӕй сӕ алфамбылайтӕм. Уӕд ӕфсымӕртӕ Павелы ӕвӕстиатӕй арвыстой денджызмӕ; Силӕ ӕмӕ Тимофей та уым баззадысты. Йӕ ӕххуысгӕнджытӕй дыууӕйы, Тимофейы ӕмӕ Эрасты, арвыста Македонимӕ, йӕхӕдӕг та рӕстӕгмӕ баззад Асийы. Саламтӕ уын дӕттынц ме 'мкусӕг Тимофей, мӕ хӕстӕджытӕ Луций, Иасон ӕмӕ Сосипатр. Уый тыххӕй уӕм арвыстон Тимофейы – Хицауыл иузӕрдион чи у, мӕ уыцы уарзон хъӕбулы. Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йесо Чырыстийы мӕ цардӕй куыд фӕзмын, уый; мӕ уыцы цард у, алы аргъуаны дӕр цӕуыл ахуыр кӕнын, уымӕ гӕсгӕ. Хицау Чырыстийы фӕрцы мӕ зӕрдӕ дарын сымахмӕ рӕхджы Тимофейы арвитыныл, цӕмӕй ӕз дӕр базонон уӕ уавӕрты тыххӕй ӕмӕ барухс уа мӕ зӕрдӕ. Мӕнӕн ӕндӕр ахӕм адӕймаг нӕй, Тимофейау сымахыл афтӕ зӕрдиагӕй чи бамӕт кӕна. Иннӕтӕ иууылдӕр мӕт кӕнынц, Йесо Чырыстийӕн фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ сӕхи пайдайыл. Тимофей фӕлвӕрд кӕй у, уый та зонут, уымӕн ӕмӕ фырт йӕ фыды фарсмӕ куыд балӕууа, афтӕ мемӕ фарны уац хъусын кӕныныл куыста ӕнувыдӕй. Ӕз фыссын мӕ уарзон хъӕбул Тимофеймӕ. Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд-Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ. Мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы, раздӕр дӕ мадымад Лоидӕмӕ ӕмӕ дӕ мад Эвникӕмӕ чи уыди, дӕ уыцы зӕрдиаг уырнындзинад. Дӕумӕ дӕр ахӕм уырнындзинад кӕй ис, ууыл фидарӕй ӕууӕндын.
Выбор основного перевода