Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Деяния
Параллельные места
Йесо сӕ бафарста: «Цы нӕ зонын?» Уыдон Ын загътой: «Назаретаг Йесойы хабар. Хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ ныхасӕй дӕр Уый тыхджын пехуымпар уыди Хуыцауы ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз. Ӕмӕ Ӕз ракурдзынӕн Мӕ Фыдӕй ӕмӕ уын ратдзӕн, мыггагмӕ уемӕ чи уыдзӕн, уыцы иннӕ Рӕвдауӕджы – Ӕцӕгады Уды. Дунейы бон Йӕ райсын нӕу, уымӕн ӕмӕ Йӕ нӕ уыны ӕмӕ Йӕ нӕ зоны. Сымах та Йӕ зонут, уымӕн ӕмӕ Уый уемӕ ис ӕмӕ уӕ зӕрдӕты цӕрдзӕн. Ӕз уӕм Мӕ Фыдӕй рарвитдзынӕн Рӕвдауӕджы – ӕцӕгады Уды. Уыцы Уд Мӕ Фыдӕй рацӕуы, ӕмӕ куы ӕрцӕуа, уӕд ӕвдисӕн лӕудзӕн Мӕн тыххӕй. Йесойы систӕуыд Хуыцауы рахиз фарсмӕ, ӕмӕ Йӕ Фыдӕй райста, зӕрдӕ Йын Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Сыгъдӕг Уды, ӕмӕ дзы схайджын кодта адӕмы, сымах ныртӕккӕ куыд уынут ӕмӕ хъусут, афтӕ. Фӕлӕ Йӕ Хуыцау райгас кодта ӕртыккаг бон ӕмӕ Йын Йӕхи равдисын кодта адӕммӕ,
Выбор основного перевода