Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Деяния
Параллельные места
Уӕд арвыл фӕзындзӕн Адӕймаджы Фырты ӕвдисӕйнаг. Скӕудзысты ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ ӕмӕ Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр тых ӕмӕ намысимӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ. Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс. Фӕлӕ уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырты уындзыстут Ӕппӕтхъомысы рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ». Уӕд Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр тых ӕмӕ намысимӕ ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ. Ӕмӕ уӕд Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр тых ӕмӕ намысимӕ ӕврагъы ӕрцӕйцӕугӕ. Куы ацӕуон, ӕмӕ уын бынӕттӕ куы ӕрцӕттӕ кӕнон, уӕд та уӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уӕ Мӕхимӕ акӕндзынӕн, цӕмӕй сымах дӕр уат, Ӕз кӕм дӕн, уым. Гуырысхойаг нӕу – нӕ уырнынады сусӕгдзинад егъау у: Хуыцау фӕзынд адӕймаджы буары, Чи у, уый равдыста Сыгъдӕг Уд, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном Ын фехъуыстой адӕмтӕ, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд намысджынӕй. Мӕнӕ Уый ӕрцӕуы ӕврӕгътимӕ, ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн, чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ Йӕ разы ныдздзыназдзысты ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ. Бӕгуыдӕр, афтӕ уыдзӕн! Амен.
Выбор основного перевода