Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Деяния
Параллельные места
Йесо сӕм куы ӕрбахӕстӕг, уӕд сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ Мӕнмӕ лӕвӕрд сты. Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ ӕппӕт адӕмты скӕнут Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Аргъаут сыл Фыды, Фырты ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номыл; Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕныныл. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ». Уыдон дзырдтой, Хицау бӕлвырд райгас ӕмӕ Йӕхи равдыста Симонмӕ, зӕгъгӕ. Уыдӕтты тыххӕй куы дзырдтой, уӕд мӕнӕ Йесо Йӕхӕдӕг лӕууы се 'хсӕн ӕмӕ сын зӕгъы: «Фӕрнджын ут!» Уыдон фӕджих сты ӕмӕ сӕ тас бацыди – афтӕ фенхъӕлдтой, цыма уд уынынц. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Цӕуыл скатай стут ӕмӕ уӕм ахӕм хъуыдытӕ цӕмӕн ӕвзӕры? Фенут Мын Мӕ къухтӕ ӕмӕ Мӕ къӕхтӕ: ай Ӕз Мӕхӕдӕг дӕн. Басгарут Мӕ ӕмӕ сбӕлвырд кӕнут: удӕн фыд ӕмӕ стджытӕ нӕй, Мӕнӕн та ис, куыд уынут, афтӕмӕй». Уый зӕгъыны фӕстӕ сын фенын кодта Йӕ къухтӕ ӕмӕ Йӕ къӕхтӕ. Фырцинӕй сӕ куы нӕма уырныдта ӕмӕ дисы куы бафтыдысты, уӕд сын загъта: «Исты хӕринаг уӕм ис?» Радтой Йын физонӕг кӕсаджы кӕрдих, Мӕ Фыд Мӕ номыл Кӕй рарвитдзӕн, уыцы Рӕвдауӕг, Сыгъдӕг Уд, сымах сахуыр кӕндзӕн алцӕуыл дӕр, ӕмӕ уын Ӕз цы дзырдтон, уый уын уӕ зӕрдыл ӕрӕфтаудзӕн. Фарн уын уадзын, Мӕ фарн уын дӕттын. Дуне куыд дӕтты, Ӕз уын ӕй афтӕ нӕ дӕттын. Ма тыхсут ӕмӕ ма тӕрсут. Йесо та сын дыккаг хатт загъта: «Фӕрнджын ут! Мӕн Мӕ Фыд куыд рарвыста, афтӕ уӕ Ӕз дӕр ӕрвитын». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ сыл бафу кодта ӕмӕ сын загъта: «Схайджын ут Сыгъдӕг Удӕй. Кӕмӕн ныббарат йӕ тӕригъӕдтӕ, уымӕн барст уыдзысты, кӕмӕн сӕ нӕ ныббарат, уымӕн барст нӕ уыдзысты». Ӕмӕ Йӕхи равдыста Кифӕмӕ, уый фӕстӕ та ӕппӕт дыууадӕс апостолмӕ дӕр. Стӕй уыциу рӕстӕг Йӕхи равдыста фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр абон дӕр сты удӕгас, иуӕй-иутӕ та дзы амардысты. Уый фӕстӕ Йӕхи равдыста Иаковмӕ, фӕстӕдӕр – ӕппӕт апостолтӕм.
Выбор основного перевода