Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Деяния
Параллельные места
Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ ӕппӕт адӕмты скӕнут Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Аргъаут сыл Фыды, Фырты ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номыл; Уый фӕстӕ Йесо ссыди хохмӕ ӕмӕ басидти, Йӕхи кӕй фӕндыд, уыдонмӕ. Ӕмӕ Йӕм ӕрбацыдысты. Сӕ дыууадӕсы дӕр сӕвӕрдта апостолтӕй, цӕмӕй уой Йемӕ, ӕрвита сӕ Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ, Семӕ фӕныхас кӕныны фӕстӕ Йесойы систӕуыд уӕларвмӕ, ӕмӕ ӕрбадти Хуыцауы рахиз фарс. Куы ӕрбабон, уӕд басидт Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, равзӕрста дзы дыууадӕсы ӕмӕ сӕ схуыдта апостолтӕ: Ӕз уын рарвитдзынӕн, Мӕ Фыд зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уый. Ӕмӕ уал баззайут ацы сахары, цалынмӕ уӕларвон тыхӕй схайджын уат, уӕдмӕ». Ӕмӕ сӕ сахарӕй рахуыдта Вифанийы онг, систа Йӕ къухтӕ уӕлӕмӕ ӕмӕ сыл арфӕ бафтыдта. Арфӕтӕ сыл куы ӕфтыдта, уӕд адард уыдонӕй ӕмӕ Йӕ уӕларвмӕ систӕуыд. Йесо та сын дыккаг хатт загъта: «Фӕрнджын ут! Мӕн Мӕ Фыд куыд рарвыста, афтӕ уӕ Ӕз дӕр ӕрвитын».
Выбор основного перевода