Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Деяния
Параллельные места
Уӕд дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, Иудӕ Искариот, ацыди алчертӕм Ӕмӕ сын загъта: «Цы мын ратдзыстут, уӕ къухы уын Ӕй куы бафтын кӕнон, уӕд?» Уыдон ын радтой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы. Йесойӕн кӕй стӕрхон кодтой, уый Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ куы базыдта, уӕд ӕрхудт йӕхиуыл, дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы фӕстӕмӕ радта алчертӕм ӕмӕ адӕмы хистӕртӕм, Ӕмӕ загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн, ӕназым туг кӕй ауӕй кодтон, уымӕй». Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Уый махмӕ нӕ хауы. Дӕхи хъуыддаг у». Иудӕ ӕвзист ӕхцатӕ аппӕрста Кувӕндоны, рацыд ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта. Алчертӕ систой ӕвзист ӕхцатӕ ӕмӕ загътой: «Кувӕндоны хӕзнадоны сын нывӕрын нӕ фӕччы, уымӕн ӕмӕ туджы аргъ сты». Бауынаффӕ кодтой ӕмӕ дзы бӕлццӕтты ныгӕнынӕн балхӕдтой, дурынгӕнӕджы зӕхх кӕй хуыдтой, уый. Уымӕ гӕсгӕ уыцы зӕхх абон дӕр хуыйны «Туджы зӕхх». Уӕд сӕххӕст, Иереми-пехуымпар цы загъта, уый: «Ӕмӕ райстой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы – израилӕгтӕ Йын цы аргъ скодтой, уый. Ӕмӕ сӕ бафыстой дурынгӕнӕджы зӕххыл, Хуыцау мын куыд загъта, афтӕ».
Выбор основного перевода