Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Деяния
Параллельные места
Йесо сын дзуапп радта: «Уӕ дыууадӕсы дӕр Ӕз нӕ сӕвзӕрстон, ӕви? Фӕлӕ уӕ иу хӕйрӕг у». Йесо афтӕ загъта Симон Искариоты фырт Иудӕйы тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ Иудӕ Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу уыдис, фӕлӕ Йыл фӕстӕдӕр рацыд гадзрахатӕй. Цӕмӕй кӕна апостолы куыст, уымӕн ӕмӕ Иудӕ ныууагъта уыцы куыст ӕмӕ ацыд, кӕм хъуамӕ уа, уырдӕм». Фӕлӕ мӕм мӕ цард ницы кӕсы, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ, ӕмӕ мын Хицау Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый бакӕнынмӕ – Хуыцауы хорзӕхы уац адӕммӕ фӕхӕссынмӕ. Павел сын салам радта ӕмӕ бӕлвырд радзырдта, йӕ куысты руаджы Хуыцау муртатты ӕхсӕн цы сарӕзта, уый тыххӕй.
Выбор основного перевода