Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Деяния
Параллельные места
Йесо ма адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд Йӕ Мад ӕмӕ Йе 'фсымӕртӕ лӕууыдысты ӕдде, ӕмӕ сӕ фӕндыди Йемӕ аныхас кӕнын. Ай хъӕддӕсныйы фырт нӕу, мыййаг? Йӕ Мад Мариа нӕ хуыйны? Иаков, Иосиф, Симон ӕмӕ Иудӕ Йе 'фсымӕртӕ не сты? Йесойы зонгӕтӕ та сеппӕт дӕр, стӕй Йӕ фӕдыл Галилейӕ чи рацыд, уыцы сылгоймӕгтӕ дӕр лӕууыдысты дӕрддзӕф ӕмӕ кастысты, цытӕ цӕуы, уымӕ. Йесойӕн Галилейӕ Йӕ фӕстӕ цы сылгоймӕгтӕ рацыд, уыдон дӕр ацыдысты ӕмӕ федтой зӕппадз, стӕй дзы Йесойы мард куыд бавӕрдтой, уый дӕр. Уӕд Йесойӕн Йе 'фсымӕртӕ загътой: «Араст у ардыгӕй ӕмӕ ацу Иудейӕмӕ; уадз ӕмӕ Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр феной, Ды цы хъуыддӕгтӕ кӕныс, уый. Зындгонд уӕвын кӕй фӕнды, уый сусӕгӕй ницы аразы. Кӕд Ды ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕныс, уӕд Дӕхи равдис дунемӕ». Суанг Ыл Йе 'фсымӕртӕ дӕр не 'ууӕндыдысты. Хорысӕры бӕрӕгбон куы ралӕууыд, уӕд сеппӕт дӕр уыдысты иумӕ. Алы бон дӕр-иу ӕмзӕрдӕйӕ ӕрӕмбырд сты Кувӕндоны; хӕдзари-хӕдзар та арӕзтой дзулсаст ӕмӕ сӕ хойраг хордтой хъӕлдзӕгӕй ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ.
Выбор основного перевода