Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау загъта Аврамӕн: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хӕстӕджыты, дӕ фыды хӕдзар ӕмӕ ацу, Ӕз дын цы зӕхх бацамондзынӕн, уырдӕм. Хуыцау фӕзынд Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Кӕм ӕм фӕзынд, уым Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Цы зӕхх уыныс, уый Ӕз ӕгасӕй дӕр мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн. Уыцы бон Хуыцау Аврамимӕ сарӕзта фидыд ӕмӕ загъта: «Мысыры цӕугӕдонӕй суанг Ефраты номдзыд цӕугӕдонмӕ цы зӕхх ис, уый Ӕз дӕ байзӕддӕгтӕн дӕттын – Мӕнӕ уын уӕ разӕй ӕрвитын Мӕ зӕды; уый уӕ хъахъӕндзӕн фӕндагыл ӕмӕ уӕ бакӕндзӕн, Ӕз уын цы бынат ӕрцӕттӕ кодтон, уырдӕм.
Выбор основного перевода