Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йӕ хӕдзар ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй бӕрны уыдис, йӕ уыцы цагъарӕн Авраам загъта: «Дӕ къух ӕрӕвӕр мӕ сины рӕбын, Ӕмӕ мын расомы кӕн Дунедарӕгӕй, уӕлӕрвты Хуыцауӕй ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, ӕз кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй мӕ фыртӕн ус кӕй нӕ ракурдзынӕ, уый тыххӕй. Фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕ мӕ райгуырӕн зӕхмӕ, мӕ хиуӕттӕм, ӕмӕ уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕ ус мӕ фырт Исаакӕн».
Выбор основного перевода