Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Аврам загъта: «Мӕ Паддзах, Дунедарӕг Хуыцау! Цы мын ратдзынӕ Ды? Ӕз нырмӕ дӕр ӕнӕзӕнӕг дӕн, ӕмӕ дамаскаг Елиезер уыдзӕни мӕ бындар. Цагъар йӕ къух ӕрӕвӕрдта йӕ хицау Авраамы сины рӕбын ӕмӕ ард бахордта, афтӕ кӕй бакӕндзӕн, уый тыххӕй. Цагъар йӕ хицауы теуатӕй йемӕ атардта дӕс, ӕмӕ араст. Йемӕ райста йӕ хицауы алыхуызон хӕзнатӕ ӕмӕ ацыд АрамНахараиммӕ, Нахоры сахармӕ. Израилӕн йӕ мӕлӕты афон куы ӕрхӕстӕг, уӕд басидт йӕ фырт Иосифмӕ ӕмӕ йын загъта: «Кӕд дӕ мӕнӕн хорзы бацӕуын фӕнды, уӕд дӕ къух ӕрӕвӕр мӕ сины рӕбын ӕмӕ мын дзырд ратт, дӕ хорзӕх мӕм кӕй равдисдзынӕ, уый тыххӕй – ма мӕ баныгӕн Мысыры.
Выбор основного перевода