Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕз абон суадонмӕ куы бахӕццӕ дӕн, уӕд загътон: „Дунедарӕг, ме 'лдар Авраамы Хуыцау! Кӕд Дӕуӕн фӕндиаг у, ӕмӕ ӕз цы балцы рацыдтӕн, уый фӕрӕстмӕ уа, Уӕд ӕз ныртӕккӕ лӕууын суадоны цур, ӕмӕ дон ӕвгӕнынмӕ чызг куы рацӕуа ӕмӕ йын куы зӕгъон: ‘Дӕ хорзӕхӕй, ӕрима, дӕ дурынӕй дон аназон’, Ӕмӕ мын куы зӕгъа: ‘Баназ, ӕз ма дын дӕ теуатӕн дӕр бадардзынӕн’, уӕд уый уыдзӕни, Хуыцау ме 'лдары фыртӕн усӕн кӕй снысан кодта, уыцы чызг“. Хинымӕр мӕ куывд нӕма фӕдӕн, афтӕ рацыди Ревеккӕ йӕ дурынимӕ йе уӕхскыл, уырдыджы ӕруад суадонмӕ ӕмӕ сӕвгӕдта дон. Ӕз ын загътон: „Дӕ хорзӕхӕй, ӕрима, дон аназон“. Чызг уайтагъд йӕ дурын ӕриста йе уӕхскӕй ӕмӕ загъта: „Баназ, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр бадардзынӕн“. Ӕз дӕр банызтон, ӕмӕ теуаты дӕр бафсӕста донӕй.
Выбор основного перевода