Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
«Арфӕгонд у Дунедарӕг, ме 'лдар Авраамы Хуыцау; Уый ме 'лдарыл ауды ӕмӕ йыл у иузӕрдион. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау мӕн комкоммӕ ӕрхуыдта ме 'лдары ӕфсымӕры хӕдзармӕ». Ӕз абон суадонмӕ куы бахӕццӕ дӕн, уӕд загътон: „Дунедарӕг, ме 'лдар Авраамы Хуыцау! Кӕд Дӕуӕн фӕндиаг у, ӕмӕ ӕз цы балцы рацыдтӕн, уый фӕрӕстмӕ уа, Уый фӕстӕ ӕрхаудтӕн мӕ зонгуытыл, ӕмӕ бузныг загътон Хуыцауӕн. Арфӕ ракодтон Дунедарӕгӕн, ме 'лдар Авраамы Хуыцауӕн – Уый мӕ комкоммӕ ӕркодта ардӕм, цӕмӕй ме 'лдары ӕфсымӕры чызджы ракурон ме 'лдары фыртӕн. Уыцы ӕхсӕв ӕм фӕзынди Хуыцау ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн; ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн. Бафтаудзынӕн дыл Мӕ арфӕ, ӕмӕ дын Мӕ цагъар Авраамы сӕраппонд ратдзынӕн бирӕ байзӕддӕгтӕ». Исаак йӕ фырты бафарста: «Куыд тагъд ӕй ссардтай, мӕ фырт?» Иаков дзуапп радта: «Мӕ размӕ мын ӕй Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, рарвыста». Дунедарӕг ын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн дӕ фыды Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау». Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта, уымӕн ӕмӕ тарсти Хуыцаумӕ комкоммӕ бакӕсынӕй.
Выбор основного перевода