Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг, ме 'лдар Авраамы Хуыцау! Абон мын ратт ӕнтыст, ме 'лдар Авраамы Дӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай ма фӕкӕн. Ӕз абон суадонмӕ куы бахӕццӕ дӕн, уӕд загътон: „Дунедарӕг, ме 'лдар Авраамы Хуыцау! Кӕд Дӕуӕн фӕндиаг у, ӕмӕ ӕз цы балцы рацыдтӕн, уый фӕрӕстмӕ уа, Уый фӕстӕ ӕрхаудтӕн мӕ зонгуытыл, ӕмӕ бузныг загътон Хуыцауӕн. Арфӕ ракодтон Дунедарӕгӕн, ме 'лдар Авраамы Хуыцауӕн – Уый мӕ комкоммӕ ӕркодта ардӕм, цӕмӕй ме 'лдары ӕфсымӕры чызджы ракурон ме 'лдары фыртӕн. Ревеккӕ мӕнӕ дӕ разы ис; акӕн ӕй ӕмӕ ацу. Хуыцауы куыд бафӕндыд, афтӕ суӕд де 'лдары фырты ус». Ды мӕныл, Дӕ цагъарыл, дӕ хорзӕх кӕй ӕруагътай ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй уыдтӕ, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Ӕз Иорданы цӕугӕдоныл айдагъ лӕдзӕгимӕ ахызтӕн, ныр та дыууӕ асадӕны хицау дӕн.
Выбор основного перевода