Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау фӕзынд Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Кӕм ӕм фӕзынд, уым Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Цы зӕхх уыныс, уый Ӕз ӕгасӕй дӕр мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн. «Ӕз сымахмӕ ӕрцӕуӕггаг ӕмӕ рӕстӕгмӕ цӕрӕг дӕн. Ингӕнваг мын раттут уӕ зӕххӕй, ӕмӕ дзы баныгӕнон мӕ марды». Авраамыл цы арфӕ бафтыдта, уыцы арфӕ ӕрцӕуӕд дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтыл дӕр, цӕмӕй, Хуыцау Авраамӕн кӕй радта ӕмӕ ды ӕрцӕуӕггагӕй кӕуыл цӕрыс, уыцы зӕхх бауа дӕу». Сымахӕй Мӕхицӕн зӕгъдзынӕн адӕм, ӕмӕ уын уыдзынӕн Хуыцау; уӕд базондзыстут, Ӕз кӕй дӕн Дунедарӕг, мысыраг ӕфсондз уын уе рагъӕй Чи рафтаудзӕн, уӕ уыцы Хуыцау. Ӕз цӕрдзынӕн израилаг адӕмы ӕхсӕн, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау. Уӕлахиздзау райсдзӕн ӕппӕт уыдӕттӕ, Ӕз ын уыдзынӕн Хуыцау, уый та Мын уыдзӕни хъӕбул.
Выбор основного перевода