Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕз мӕнӕ уый зӕгъын: Хуыцау цы фидыд сарӕзта, уымӕн йӕ бынат нӕ бацахста, цыппарсӕдӕ ӕртын азы фӕстӕ цы Ӕгъдау фӕзынд, уый; ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрд баззад йӕ тыхы. Уыцы ӕхсӕв ӕм фӕзынди Хуыцау ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн; ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн. Бафтаудзынӕн дыл Мӕ арфӕ, ӕмӕ дын Мӕ цагъар Авраамы сӕраппонд ратдзынӕн бирӕ байзӕддӕгтӕ». Асиныл лӕууы Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ дзуры: «Ӕз дӕн Дунедарӕг, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Ды цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн. Ома, ӕрдзон ӕгъдауӕй чи райгуырд, Хуыцауы хъӕбултӕ уыдон не сты, фӕлӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ чи райгуырд, уыдон нымад сты байзӕддӕгтыл. Фӕлӕ уыдон тырныдтой хуыздӕрмӕ, ома, уӕларвон бӕстӕмӕ. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау дӕр къӕмдзӕстыг нӕу, Йӕхи уыдоны Хуыцау кӕй хоны, уымӕй – сахар уыдонӕн ӕрцӕттӕ кодта.
Выбор основного перевода