Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау ын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн! Цот уадз ӕмӕ сбирӕ у. Адӕм ӕмӕ бирӕ адӕмтӕ, стӕй паддзӕхтӕ рацӕудзӕни дӕуӕй. Ме 'лдар фарста йӕ цагъарты: „Фыд кӕнӕ уын ӕфсымӕр ис?“ Мах дзуапп радтам не 'лдарӕн: „Ис нын зӕронд фыд ӕмӕ кӕстӕр ӕфсымӕр – нӕ фыдӕн ӕрӕджиауы фырт; йе 'фсымӕр амард ӕмӕ мадызӕнӕгӕй ӕрмӕст уый баззад; ӕмӕ йӕ нӕ фыд бирӕ уарзы“. Фӕлӕ йӕ фыд не сразы, ӕмӕ йын загъта: «Зонын ӕй, мӕ фырт, зонын; уымӕй дӕр рацӕудзӕни разагъды адӕм. Фӕлӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр уымӕй стырдӕр уыдзӕн. Йӕ байзӕддӕгтӕн нымӕц нӕ уыдзӕн». Йӕ сунӕт ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгыл сунӕты размӕ банымадта, уымӕн ӕмӕ Йыл Авраам ӕууӕндыди. Ӕмӕ сунӕтгонд чи нӕу, ӕппӕт уыцы уырнджытӕн Авраам сси сӕ фыдӕл, цӕмӕй уыдоны дӕр Хуыцау банымайа рӕстгӕнджытыл. Стӕй сунӕтгӕндтӕй дӕр сӕ фыдӕл сси, Авраамы фӕндагыл чи цӕуы ӕмӕ нӕ фыдӕл Авраам йӕ сунӕты размӕ Хуыцауыл куыд ӕууӕндыд, афтӕ Йыл чи ӕууӕнды, ӕрмӕст уыдонӕн.
Выбор основного перевода