Хуыцау загъта: «Ӕз та дӕм ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзынӕн инназ ацафон, ӕмӕ дӕ ус Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу». Саррӕ та цатырмӕ бахизӕны лӕууыд Йӕ фӕстӕ, ӕмӕ сӕм хъуыста.
Хуыцау ын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн! Цот уадз ӕмӕ сбирӕ у. Адӕм ӕмӕ бирӕ адӕмтӕ, стӕй паддзӕхтӕ рацӕудзӕни дӕуӕй.
Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, мах стӕм цагъар сылгоймаджы нӕ, фӕлӕ сӕрибар сылгоймаджы хъӕбултӕ.