Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцауы зӕд ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дын ратдзынӕн афтӕ бирӕ байзӕддаг, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕ уыдзӕн». Цагъар сылгоймаджы лӕппуйӕ дӕр Ӕз рауадздзынӕн адӕм – уымӕн ӕмӕ дӕ байзӕддаг у». Йӕхӕдӕг та ацыд иуцасдӕр, фат цас атӕха, уый бӕрц, ӕмӕ уым сбадти. Уымӕн ӕмӕ загъта: «Лӕппу куыд мӕлдзӕн, уый фенын мӕ нӕ фӕнды». Сбадти лӕппумӕ дӕрддзӕф, ӕрдиаг самадта ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй куыдта. Мысыраг сылгоймаг Агар, Саррӕйы лӕггадгӕнӕг, Авраамӕн кӕй ныййардта, мӕнӕ йӕ уыцы фырт Измаилы байзӕддӕгтӕ; Уыдон сты Измаилы фырттӕ ӕмӕ сӕ нӕмттӕ – дыууадӕс мыггаджы ӕлдӕрттӕ. Сӕ нӕмттӕ хӕссынц, кӕм ӕрбынатон сты ӕмӕ хӕтӕнхуагӕй кӕм цардысты, уыцы бынӕттӕ дӕр.
Выбор основного перевода