Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Саррӕ басывӕрджын, ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн кӕдмӕ загъта, уыцы ӕмгъуыдмӕ Авраамӕн йӕ зӕронды бонты ныййардта фырт. Хуыцау фӕзынд Исаакмӕ ӕмӕ йын загъта: «Ма ацу Мысырмӕ; Ӕз дын цы зӕххӕй зӕгъон, уым ӕрцӕр. Уыцы зӕххыл ӕрцӕр рӕстӕгмӕ. Ӕз уыдзынӕн демӕ, Мӕ арфӕ дыл бафтаудзынӕн. Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цӕй тыххӕй расомы кодтон, уый: ӕппӕт ацы зӕххытӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн. Уӕларвон стъалытӕ куыд сты, афтӕ бирӕ дын скӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты, ӕмӕ ацы зӕххытӕ ӕгасӕй дӕр ратдзынӕн уыдонӕн. Дӕ байзӕддӕгты фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ. Уымӕн ӕмӕ Авраам Мӕнӕн коммӕгӕс уыди, ӕххӕст кодта Мӕ амындтытӕ, Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме 'гъдӕуттӕ».
Выбор основного перевода