Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, уӕд ӕм фӕзынди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн; у Мын коммӕгӕс ӕмӕ ӕнаипп. Цы зӕхх уыныс, уый Ӕз ӕгасӕй дӕр мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн. Дӕуӕн, дӕ фӕстӕ та дӕ байзӕддӕгтӕн, Ӕз ратдзынӕн, ды ныртӕккӕ ӕрцӕуӕггаг кӕуыл дӕ, Ханааны уыцы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр. Ӕз ӕй мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау». Хуыцау загъта Моисейӕн: «Мысырӕй цы адӕмы ракодтай, уыдонимӕ ацу ардыгӕй, Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Иаковӕн цы зӕххы тыххӕй сомы кодтон, „дӕ байзӕддагӕн дын ӕй ратдзынӕн“, зӕгъгӕ, уырдӕм.
Выбор основного перевода