Мӕнӕ Фаррайы байзӕддаг: Фаррайӕн райгуырдысты Аврам, Нахор ӕмӕ Аран. Аранӕн райгуырди Лот.
Фарра ныууагъта Халдейаг Ур, уырдыгӕй йемӕ ракодта йӕ фырт Аврамы, Араны фырт Лоты – йӕ фырты фырты, йӕ чындз Сарӕйы – Аврамы усы, цӕмӕй фӕцӕуой Ханааны зӕхмӕ; фӕлӕ Харранмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым ӕрцардысты.