Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Авраам уырдыгӕй ацыди Негевмӕ – хуссармӕ, ӕмӕ рӕстӕгмӕ ӕрцарди Кадесӕй Суры ӕхсӕн. Ӕрцӕуӕггагӕй царди Герары. Уым йӕ ус Саррӕйы тыххӕй загъта: «Мӕ хо у». Уӕд Герары паддзах Авимелех арвыста ӕмӕ Саррӕйы ӕрбахуыдта йӕхицӕн. Ӕхсӕвы фыны Авимелехмӕ фӕзынди Хуыцау ӕмӕ йын загъта: «Ды амӕлдзынӕ, цы сылгоймаджы ӕрбакодтай, уый тыххӕй; уымӕн ӕмӕ йын мой ис». Авимелех та йе 'мгӕрон дӕр не 'рцыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Мӕ Паддзах! Ау, Ды ӕназым адӕмы фесафдзынӕ? Авраам мын йӕхӕдӕг куы загъта: „Мӕ хо у“, ӕмӕ Саррӕ дӕр загъта: „Авраам ме 'фсымӕр у“. Ацы хъуыддаджы ме 'фсарм у сыгъдӕг, мӕ къухтӕ – ӕнаххос». Фыны йын Хуыцау загъта: «Де 'фсарм сыгъдӕг кӕй у, уый Ӕз зонын: Ӕз дӕ бахызтон Мӕ ныхмӕ тӕригъӕд ракӕнынӕй; уымӕ гӕсгӕ дӕ нӕ бауагътон Саррӕмӕ бавналын. Ныр та сылгоймаджы ратт йӕ мойӕн: уымӕн ӕмӕ йӕ мой пехуымпар у: бакувдзӕни дӕу тыххӕй, ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзынӕ. Саррӕйы куы нӕ раттай, уӕд зон: дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ иууылдӕр амӕлдзысты». Авимелех сыстад сӕумӕйӕ, басидт йеппӕт цагъартӕм ӕмӕ сын радзырдта ӕппӕт уыцы ныхӕстӕ; ӕмӕ уыдон тынг старстысты. Уый фӕстӕ Авимелех басидт Аврааммӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый нын цы бакуыстай? Цы дын ракодтон ӕвзӕрӕй, ӕмӕ мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ паддзахад дӕр ахӕм стыр тӕригъӕды бафтауай? Ды мын бакодтай, цы не 'мбӕлы, ахӕм ми». Авимелех бафарста Авраамы: «Уыцы хъуыддаг куы арӕзтай, уӕд дӕм цы фӕнд уыди?» Авраам дзуапп радта: «Ӕз мӕхицӕн загътон: „Ацы ран Хуыцауӕй нӕ тӕрсынц – мӕ усы тыххӕй мӕ амардзысты“. Саррӕ ӕцӕгӕйдӕр мӕ хо у – мӕ фыды чызг, ӕрмӕст мадӕй хицӕнтӕ стӕм; ӕмӕ сси мӕ ус. Хуыцау мӕнӕн мӕ фыды хӕдзарӕй фӕцӕуын куы бафӕдзӕхста, уӕд ӕз Саррӕйӕн загътон: „Ахӕм хорзы мын бацу, ӕмӕ кӕдӕмфӕнды бафтӕм, уым алы ран дӕр мӕнӕй дзур: ‘Авраам ме 'фсымӕр у’“». Уӕд Авимелех ӕртардта фысвос ӕмӕ стуртӕ, ӕркодта нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ ӕмӕ сӕ радта Авраамӕн; радта йын йӕ ус Саррӕйы дӕр. Авимелех Авраамӕн загъта: «Дӕ разы ис мӕ зӕхх; кӕм дӕ фӕнды, уым цӕр». Авимелех Саррӕйӕн дӕр загъта: «Ӕз де 'фсымӕрӕн дӕттын мин сиклы ӕвзист, дӕ хӕстӕджыты ӕмӕ сеппӕты раз дӕр раст кӕй дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн». Авраам бакуывта Хуыцаумӕ, ӕмӕ Хуыцау сдзӕбӕх кодта Авимелехы, стӕй йӕ усы, йӕ цагъар сылгоймӕгты, ӕмӕ сын рацыди зӕнӕг; Уымӕн ӕмӕ Авраамы ус Саррӕйы тыххӕй Хуыцау Авимелехы хӕдзары алы сылгоймаджы дӕр фӕкодта ӕнӕзӕнӕг.
Выбор основного перевода