Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау Аврамы ракодта ӕддӕмӕ ӕмӕ йын загъта: «Скӕс арвмӕ, ӕмӕ кӕд стъалытӕ банымайын дӕ бон бауа, уӕд сӕ банымай». Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Афтӕ бирӕ уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр». Мӕнӕ Ӕз демӕ аразын фидыд. Ды уыдзынӕ бирӕ адӕмты фыдӕл. Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном Аврам нал уыдзӕни, фӕлӕ Авраам; уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз скӕндзынӕн бирӕ адӕмты фыдӕл. Авраамӕй ӕнӕмӕнг рацӕудзӕни разагъды ӕмӕ тыхджын адӕм, ӕмӕ йӕ фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ. Уый тыххӕй Ӕз дӕуыл ӕнӕмӕнг бафтаудзынӕн Мӕ бирӕ арфӕтӕ, уӕларвон стъалытау ӕмӕ денджызы былыл змисау сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты; се знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты. Дӕ байзӕддӕгтӕ зӕххон змисау уыдзысты бирӕ; ахӕлиу уыдзысты ныгуылӕн ӕмӕ скӕсӕнмӕ, цӕгат ӕмӕ хуссармӕ. Дӕ фӕрцы ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ. Ды мын куы загътай: „Ӕз дын уыдзынӕн хӕрзгӕнӕг, афтӕ бирӕ байзӕддӕгтӕ дын ратдзынӕн, ӕмӕ сын банымайӕн нӕ уыдзӕни, денджызы змисӕн банымайӕн куыд нӕй, афтӕ“». Хуыцау ын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн! Цот уадз ӕмӕ сбирӕ у. Адӕм ӕмӕ бирӕ адӕмтӕ, стӕй паддзӕхтӕ рацӕудзӕни дӕуӕй. Хуыцау загъта: «Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ фыды Хуыцау. Мысырмӕ ацӕуынӕй ма тӕрс. Уым Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн разагъды адӕм.
Выбор основного перевода