Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Дӕуӕн кусӕнт адӕмтӕ, адӕмыхӕттытӕ уӕнт дӕ дӕлбар; де 'фсымӕртӕн у ӕлдар, дӕ мады лӕппутӕ дын ныллӕг акувӕнт; дӕу ӕлгъитӕг уӕд ӕлгъыст, дӕуӕн арфӕгӕнӕг – арфӕгонд!» Куы йӕм хъусат, ӕмӕ уын цыдӕриддӕр зӕгъон, уый куы кӕнат, уӕд Ӕз уыдзынӕн уе знӕгты знаг ӕмӕ уе 'фхӕрджыты ӕфхӕрӕг. Авраамӕй ӕнӕмӕнг рацӕудзӕни разагъды ӕмӕ тыхджын адӕм, ӕмӕ йӕ фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ. Ды Мӕнӕн коммӕгӕс кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ байзӕддӕгты фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Уӕларвон стъалытӕ куыд сты, афтӕ бирӕ дын скӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты, ӕмӕ ацы зӕххытӕ ӕгасӕй дӕр ратдзынӕн уыдонӕн. Дӕ байзӕддӕгты фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ. Дӕ байзӕддӕгтӕ зӕххон змисау уыдзысты бирӕ; ахӕлиу уыдзысты ныгуылӕн ӕмӕ скӕсӕнмӕ, цӕгат ӕмӕ хуссармӕ. Дӕ фӕрцы ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ. Уыцы Пехуымпармӕ чи нӕ байхъуса, уый фӕхъӕудзӕн Хуыцауы адӕмӕй". Сыгъдӕг Фысты рагацау загъдӕуыди, Хуыцау муртатты кӕй сраст кӕндзӕн уырнындзинады фӕрцы; ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн развӕлгъау фехъусын кодта фарны уац: «Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ».
Выбор основного перевода