5
Аврам йемӕ акодта йӕ ус Сарӕйы, йе 'фсымӕры фырт Лоты, йемӕ айста, цы сӕм ӕрбамбырд, уыцы мулк. Йемӕ ма ракодта, Харраны кӕй балхӕдтой, ӕппӕт уыцы адӕмы. Афтӕмӕй араст сты Ханааны зӕхмӕ, ӕмӕ ӕрцыдысты уырдӕм.
Йӕ къабаз уацары кӕй ис, Аврам уый куы фехъуыста, уӕд сгӕрзифтонг кодта, йӕ хӕдзары чи райгуырд, уыцы ӕртӕсӕдӕ ӕстдӕс хӕстхъом лӕджы, ӕмӕ знӕгты фӕсырдта суанг Данмӕ.
Фарра ныууагъта Халдейаг Ур, уырдыгӕй йемӕ ракодта йӕ фырт Аврамы, Араны фырт Лоты – йӕ фырты фырты, йӕ чындз Сарӕйы – Аврамы усы, цӕмӕй фӕцӕуой Ханааны зӕхмӕ; фӕлӕ Харранмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым ӕрцардысты.