Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Тӕригъӕд уын ӕлдар ма уӕд, уымӕн ӕмӕ сымах ӕгъдауы дӕлбар не стут, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар. О ӕнӕзонд галатӕгтӕ! Цыма Йесо Чырыстийы сымахмӕ байтыгъдӕуыд, афтӕ уын ӕй куы равдыстӕуыди, уӕд уӕ чи фӕцӕсты кодта [ӕмӕ ӕцӕгады коммӕ ма кӕсат]? Сымахӕй мӕ ӕрмӕстдӕр мӕнӕ уый базонын фӕнды: Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы схайджын стут Сыгъдӕг Удӕй, ӕви фарны уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы? Ахӕм ӕнӕзонд стут? Сыгъдӕг Уды разамындӕй цы райдыдтат, уый ныр уӕхи хъарутӕй фӕуынмӕ хъавут? Цытӕ бавзӕрстат, уый дзӕгъӕлы фӕци? Ау, дзӕгъӕлы фӕци! Ӕгъдау кӕй ӕххӕст кӕнут, Хуыцау уын Сыгъдӕг Уд уый руаджы дӕтты ӕмӕ уе 'хсӕн диссӕгтӕ уый фӕрцы кӕны, ӕви фарны уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы? Афтӕ «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл». Уӕдӕ зонут: уырнджытӕ сты Авраамы байзӕддӕгтӕ. Сыгъдӕг Фысты рагацау загъдӕуыди, Хуыцау муртатты кӕй сраст кӕндзӕн уырнындзинады фӕрцы; ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн развӕлгъау фехъусын кодта фарны уац: «Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Уӕдӕ уырнджытӕ уырнӕг Авраамимӕ сты арфӕгонд. Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй ныфс кӕй ис, уыдон та сеппӕт дӕр ӕлгъыст сты. Уымӕн ӕмӕ фыст у: «Ӕгъдауы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, уыдӕттӕ иудадзыг чи не 'ххӕст кӕны, уый ӕлгъыст у». Ӕгъдауы фӕрцы та Хуыцауы раз кӕй ничи сраст уыдзӕн, уый бӕлвырд у, уымӕн ӕмӕ «рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни». Ӕгъдау та уырнындзинадимӕ баст нӕу, фӕлӕ «йӕ чи сӕххӕст кӕна, уый цӕрдзӕн йӕ фӕрцы». Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй – нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл кӕйдӕриддӕр ӕрцауыгъдӕуыд, уый ӕлгъыст у». Уый уымӕн афтӕ у, цӕмӕй Хуыцау Авраамыл цы арфӕ бафтыдта, уый Йесо Чырыстийы фӕрцы анхъӕвза муртаттыл, ӕмӕ мах уырнындзинады руаджы схайджын уӕм, ныфс Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Удӕй. Ӕфсымӕртӕ, цӕвиттон ӕрхӕсдзынӕн адӕймаджы цардӕй: адӕймаджы ныстуан фидаргонд куы ӕрцӕуы, уӕд ӕй ничи аивы ӕмӕ йӕм ничи бафтауы. Хуыцау та зӕрдӕ бавӕрдта Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн. Фыст нӕу «байзӕддӕгтӕн дӕр», ома, бирӕ адӕмӕн, фӕлӕ фыст у иуы тыххӕй: «ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн». Уыцы байзӕддаг Чырысти у. Ӕз мӕнӕ уый зӕгъын: Хуыцау цы фидыд сарӕзта, уымӕн йӕ бынат нӕ бацахста, цыппарсӕдӕ ӕртын азы фӕстӕ цы Ӕгъдау фӕзынд, уый; ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрд баззад йӕ тыхы. Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй ӕвӕрдӕуы, кӕд уыдоны Ӕгъдау дӕтты, уӕд уый зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ нал у. Фӕлӕ Йӕ уыцы хорзӕхтӕ Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ радта. Уӕдӕ Ӕгъдау цӕй тыххӕй у? Хуыцау ӕй фӕстӕдӕр уӕлӕмхасӕнӕн радта адӕмы фыдракӕндты тыххӕй, зӕрдӕ Кӕмӕн бавӕрдӕуыд, уыцы Байзӕддаг цалынмӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Ӕгъдау ӕвӕрд ӕрцыди зӕдты ӕххуысӕй ӕмӕ ӕхсӕнылӕджы фӕрцы. Фӕлӕ ӕхсӕнылӕг ӕппынкъаддӕр дыууӕ ныхасгӕнӕгӕн вӕййы, Хуыцау та иу у. Уӕдӕ Ӕгъдау Хуыцауы зӕрдӕвӕрды ныхмӕ у? Ницы хуызы! Уымӕн ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, ахӕм ӕгъдау куы ӕрцыдаид лӕвӕрд, уӕд адӕймаджы ӕцӕгдӕр уый раст кодтаид. Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст расидт, ӕппӕт дуне дӕр тӕригъӕдмӕ ахст кӕй у, уый тыххӕй, цӕмӕй, Хуыцау зӕрдӕ цы раттынӕй бавӕрдта, уый Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы лӕвӕрд ӕрцӕуа уырнджытӕн. Уырнындзинады ӕрцыдмӕ та ахст уыдыстӕм, ӕмӕ нӕ Ӕгъдау хъахъхъӕдта, ӕрцӕуинаг цы уырнындзинад уыди, цалынмӕ уый раргом, уӕдмӕ. Уӕдӕ Ӕгъдау махӕн уыди, Чырыстимӕ нӕ чи хъуамӕ ӕркодтаид, уыцы сабигӕс, цӕмӕй сраст уӕм уырнындзинады фӕрцы. Уырнындзинад куы ӕрцыди, уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы сабигӕсы дӕлбар нал стӕм. Уырнындзинады руаджы, Йесо Чырыстиимӕ иугондӕй, уеппӕт дӕр Хуыцауы хъӕбултӕ стут. Уымӕн ӕмӕ сымах – Чырыстиимӕ баиуы охыл кӕуыл саргъуыдӕуыд, уыдон – баиу стут Чырыстиимӕ. Ныр нал ис нӕдӕр иудей, нӕдӕр бердзенаг, нӕдӕр цагъар, нӕдӕр сӕрибар, нӕдӕр нӕлгоймаг, нӕдӕр сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ уеппӕт дӕр Йесо Чырыстиимӕ ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ иу стут. Кӕд сымах Чырыстийы стут, уӕд Авраамы байзӕддӕгтӕ стут, ӕмӕ райсдзыстут, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, Йӕ уыцы хорзӕхтӕ. Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау алцӕмӕй дӕр ӕнаипп ницы скодта. Ныр та лӕвӕрд ӕрцыди, Хуыцаумӕ кӕй фӕрцы хӕстӕгдӕр кӕнӕм, ахӕм хуыздӕр зӕрдӕдарӕн. «Кӕд рӕстгӕнӕг зынтӕй ирвӕзы, уӕд ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджын цы фӕуыдзӕн?»
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода