Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Ныййардзӕни Фырт ӕмӕ Йӕ схондзынӕ Йесо, уымӕн ӕмӕ Йӕ адӕмы фервӕзын кӕндзӕни сӕ тӕригъӕдтӕй». Ацӕут ӕмӕ базонут, ацы ныхӕстӕ цы амонынц, уый: „Нывонд Мӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ". Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстыты нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынты ӕрхонынмӕ». Йесо уый куы фехъуыста, уӕд сын загъта: «Дохтыр ӕнӕнизты нӕ, фӕлӕ рынчынты хъӕуы. Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстыты нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынты ӕрхонынмӕ». Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстытӕм нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм фӕсидынмӕ, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной». Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ай тӕригъӕдджынты суазӕг кӕны ӕмӕ хӕры семӕ». Уымӕн ӕмӕ Хуыцау афтӕ бауарзта дуне, ӕмӕ радта Йӕ Иунӕг Фырты, цӕмӕй Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа мыггагмӕйы цард. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Фырты дунейӕн тӕрхон рахӕссынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ Йӕ фӕрцы дуне фервӕзын кӕнынмӕ. Фӕлӕ Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ сеппӕты дӕр лӕвар раст кӕны Йесо Чырыстийы фӕрцы – Чырысти сын дӕтты сӕрибар. Ацы ныхас ӕцӕг у ӕмӕ йыл ис ӕнӕгуырысхойӕ баууӕндӕн. Хуыцау мах фервӕзын кодта ӕмӕ нӕ ӕрхуыдта сыгъдӕг цардмӕ – нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Йӕ фӕнд ӕмӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Йӕ хорзӕх нын Йесо Чырыстийы руаджы суанг дуне сфӕлдисыны агъоммӕ рардӕуыд, Ацы ныхас ӕцӕг у: «Кӕд Йемӕ амардыстӕм, уӕд цӕргӕ дӕр Йемӕ кӕндзыстӕм. Ацы ныхас ӕцӕг у. Мӕн уый фӕнды, ӕмӕ адӕмы ӕнувыдӕй ахуыр кӕнай ӕппӕт уыдӕттыл, цӕмӕй Хуыцауыл чи баууӕндыд, уыдон сӕхи зӕрдиагӕй хъарой хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл. Уый хорз у ӕмӕ адӕмӕн уыдзӕни пайда.
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода