Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Бакӕнӕм хӕйрӕджы бар йӕ буар ын бафхӕрыны тыххӕй, цӕмӕй йӕ уд фервӕза, нӕ Хицау тӕрхон куы кӕна, уыцы бон. Аргъуаны хистӕр, ӕрӕджы чи баууӕндыд, уыдонӕй ма уӕд, цӕмӕй йӕхиуыл ма фервӕсса ӕмӕ, хӕйрӕгӕн цы тӕрхон рахастӕуыд, ахӕм тӕрхон ын ма рахастӕуа. Хъуамӕ йӕ нымайой ӕнӕуырнджытӕ дӕр, цӕмӕй дзы ӕвзӕрӕй мацы райхъуыса ӕмӕ хӕйрӕджы хызы ма бахауа. Рак буарыл куыд ахӕлиу вӕййы, афтӕ анхъӕвздзӕн сӕ ахуырад. Уыдонӕй сты Именей ӕмӕ Филит. Уыдон фӕиппӕрд сты ӕцӕгадӕй, дзурынц, мӕрдтӕ ныридӕгӕн райгас сты, зӕгъгӕ, ӕмӕ афтӕмӕй халынц иуӕй-иуты уырнындзинад. Сӕ асайӕг хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода