Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Павел бахӕццӕ Дервимӕ ӕмӕ Листрӕмӕ. Уым царди иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном – Тимофей. Йӕ мад уыди Йесойыл баууӕндӕг иудей, йӕ фыд та – бердзенаг. Листрӕйы ӕмӕ Иконийы Тимофейӕ тынг ӕппӕлыдысты ӕфсымӕртӕ. Уый тыххӕй уӕм арвыстон Тимофейы – Хицауыл иузӕрдион чи у, мӕ уыцы уарзон хъӕбулы. Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йесо Чырыстийы мӕ цардӕй куыд фӕзмын, уый; мӕ уыцы цард у, алы аргъуаны дӕр цӕуыл ахуыр кӕнын, уымӕ гӕсгӕ. Ӕз фыссын мӕ уарзон хъӕбул Тимофеймӕ. Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд-Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ. Ӕз фыссын Титмӕ, нӕ иумӕйаг уырнындзинады фӕрцы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Фарн ӕмӕ дын хорзӕх Фыд-Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийӕ. Иоаннӕй Асийы авд аргъуанмӕ: хорзӕх ӕмӕ уын фарн, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уымӕй ӕмӕ, Йӕ бадӕны раз чи ис, уыцы авд удӕй,
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода