Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Сыгъдӕг Фыст цыдӕриддӕр зӕгъы, уый ныффыстӕуыд махӕн зонд амонынӕн, цӕмӕй фӕразон уӕвыны, стӕй Сыгъдӕг Фыст цы ныфс дӕтты, уый фӕрцы махӕн уа зӕрдӕдарӕн. Цӕмӕй фидӕны ӕнусты равдиса, куыд ӕгӕрон сты Йӕ хорзӕх ӕмӕ, Йесо Чырыстийы руаджы махмӕ кӕй равдыста, Йӕ уыцы уарзт. Ӕз Ӕй раздӕр фаудтон, зылдтӕн Йӕ фӕдыл ӕмӕ Йӕ ӕфхӕрдтон, фӕлӕ мын ныббарстӕуыд, уымӕн ӕмӕ цы кодтон, уый не 'мбӕрстон – уыдтӕн ӕнӕуырнӕг. Иуӕй-иутӕм куыд кӕсы, афтӕ Хицау фӕстиат нӕ кӕны Йӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕныныл, фӕлӕ уын бирӕ быхсы – фӕнды Йӕ, иу адӕймаг дӕр куыд нӕ фесӕфа, фӕлӕ иууылдӕр куыд ӕрфӕсмон кӕной. Ӕмӕ нӕ Хицау бирӕ кӕй быхсы, уый нымайут фервӕзыны фадатыл; Хуыцауӕй йын лӕвӕрд зондӕй сымахмӕ уый тыххӕй фыста нӕ уарзон ӕфсымӕр Павел дӕр.
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода