Хъуамӕ фидар хӕцой уырнынады арфӕвӕрд мидисыл ӕмӕ сӕ цӕсгом уа сыгъдӕг.
Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт фыдбылызтӕн сӕ уидаг ӕхцайы бӕллиц у. Ӕхцамӕ бӕлгӕйӕ, иуӕй-иутӕ фӕхауӕггаг сты уырнындзинады фӕндагӕй ӕмӕ сӕхи бафтыдтой бирӕ хъизӕмӕртты.
Мӕнӕй цы раст ныхӕстӕ фехъуыстай, уыдон дын уӕнт зондыхос; дӕ цард араз, Йесо Чырыстиимӕ баиуы руаджы цы уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй схайджын стӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ.
Тох кодтон хъӕбатырӕй, мӕ фӕндагыл ацыдтӕн кӕронмӕ, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон.