Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Уыцы куыст барвӕндонӕй куы кӕнин, уӕд мын уаид мызд; фӕлӕ йӕ ӕз барвӕндонӕй нӕ кӕнын – ӕз ӕрмӕст аразын, цы хъуыддаг мын бафӕдзӕхстӕуыд, уый. Уый нӕ, фӕлӕ федтой, мӕнӕн баргонд кӕй у ӕнӕсунӕтгӕндтӕн фарны уац хъусын кӕнын, сунӕтгӕндтӕн хъусын кӕнын Петрӕн куыд баргонд у, афтӕ. Хуыцау мах бафӕлвӕрдта ӕмӕ нын бабар кодта фарны уац, ӕмӕ нӕ ныхас дӕр ахӕм у – архайӕм адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл нӕ, фӕлӕ нӕ зӕрдӕтӕ зонӕг Хуыцауы зӕрдӕ балхӕныныл. Уыцы ӕрцыд уыдзӕн йӕ рӕстӕджы, тӕхудиаг ӕмӕ иунӕг Дунедарӕджы, паддзӕхты Паддзахы ӕмӕ хицӕутты Хицауы фӕндонмӕ гӕсгӕ. Уӕдӕ нӕ Хицауы [Йесо Чырыстийы] тыххӕй ӕргомӕй кӕй дзурыс, уый худинагыл ма нымай, стӕй ӕз Йӕ сӕраппонд ахӕстоны кӕй дӕн, уый дӕр. Фӕлӕ Хуыцауы хъаруйӕ ныфсджынӕй мӕнимӕ тухӕн кӕн фарны уацы сӕраппонд. Ӕргом та абон раци – нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырысти куы ӕрцыд, уӕд; Уый фӕтых мӕлӕтыл ӕмӕ фарны уацы руаджы ӕрхаста ӕнӕмӕлгӕ цард.
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода