Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Савлӕн ныр дӕр ӕнӕуынон уыдысты Хицауы ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕртхъирӕнтӕ сӕм кодта амарынӕй. Бацыд алчермӕ Ӕмӕ дзы ракуырдта фыстӕджытӕ Дамаскы синагогӕтӕм, цӕмӕй, Йесойы фӕдыл цӕуджытӕй кӕй ссара, уыдоны, лӕгӕй-усӕй, ӕрцахса ӕмӕ сӕ ӕркӕна Иерусалиммӕ. Фӕндагыл ма куы уыд ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс, уӕд ыл уӕларвӕй ӕваст ӕртыхсти рухс. Савл ӕрхауд зӕххыл ӕмӕ фехъуыста хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?» Савл бафарста: «Чи дӕ, Хицау?» Дзуапп ын рардӕуыди: «Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Йесо дӕн. [Зын дын у цыргъ хъилы ныхмӕ бырсын». Савл тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бафарста: «Хицау, цы саразын мын фӕдзӕхсыс?» Хицау ын загъта:] Сыст ӕмӕ бацу сахармӕ – уым дын загъд уыдзӕни, цы гӕнгӕ дын у, уый». Савлы ӕмбӕлццӕттӕ лӕууыдысты ӕндзыгӕй; хъӕлӕс хъуыстой, фӕлӕ никӕй уыдтой. Савл сыстад зӕххӕй, йӕ цӕстытӕ байгом сты, фӕлӕ ницы уыдта. Уӕд ын ныххӕцыдысты йӕ къухыл ӕмӕ йӕ ӕркодтой Дамаскмӕ. Ӕртӕ боны цӕстӕй нӕ уыдта, хӕрд ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕци. Дамаскы уыдис иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном – Анани. Хицау ӕм фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Анани!» Анани дзуапп радта: «Хъусын Дӕм, Хицау». Хицау ын загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу, Ӕмраст чи хуыйны, уыцы уынгмӕ, ӕмӕ Иудӕйы хӕдзары бафӕрс иу лӕджы, йӕ ном – Савл, у Тарсы сахарӕй. Ныртӕккӕ кувгӕ кӕны Ӕмӕ йӕ цӕстылуайӕны федта иу лӕджы, йӕ ном – Анани; Анани йӕм бацыд ӕмӕ йыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ, цӕмӕй ракӕса йӕ цӕстытӕй». Анани дзуапп радта: «Хицау, ацы адӕймагӕн йӕхи тыххӕй, стӕй Дӕ сыгъдӕджытӕн Иерусалимы цас фыдмитӕ фӕкодта, уый тыххӕй бирӕтӕй фехъуыстон. Ныр ам ис, ӕмӕ йын алчертӕй рардӕуыд бар, цӕмӕй Дӕ ном чидӕриддӕр ары, уыдоны ӕрцахса». Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн. Уымӕн ӕмӕ ӕз апостолтӕн сӕ тӕккӕ къаддӕр дӕн, ӕмӕ апостолы ном хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн, Хуыцауы аргъуан кӕй ӕфхӕрдтон, уый тыххӕй. Фӕлӕ ӕз цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз сеппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон – ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх. Фӕлӕ мын загъта: «Ӕгъгъӕд дын у Мӕ хорзӕх, уымӕн ӕмӕ Мӕ тых йӕ тыхы бацӕуы, адӕймаг лӕмӕгъ куы вӕййы, уӕд». Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕрдиагдӕрӕй ӕппӕлдзынӕн, ӕдых кӕй дӕн, уымӕй, иудадзыг Чырыстийы хъаруйӕ хайджын куыд уон, афтӕ. Ӕз иудейаг диныл хӕст куы уыдтӕн, уӕд цы уагӕй цардтӕн, Хуыцауы Аргъуан ӕгъатырӕй куыд ӕфхӕрдтон ӕмӕ йӕ фесафыныл куыд архайдтон, уый тыххӕй сымах фехъуыстат. Иудейаг диныл мӕхи хъарынӕй ӕз мӕ бирӕ дзуттаг ӕмгӕрттӕн фӕдӕн сӕ разӕй, ӕгӕр ӕнувыдӕй ӕххӕст кодтон мӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ. Фӕлӕ ма мады гуыбыны куы уыдтӕн, уӕд мӕ Чи сӕвзӕрста, стӕй мӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ Чи ӕрхуыдта, уыцы Хуыцауы куы бафӕндыд Мӕнӕн Йӕ Фырты раргом кӕнын, Йӕ фарны уац муртаттӕм цӕмӕй хӕссон, уӕд адӕмӕй никӕимӕ уынаффӕ кодтон. Ӕз сдӕн Йӕ уыцы Аргъуаны кусӕг, цӕмӕй саразон, уӕ пайдайӕн мын Хуыцау цы бафӕдзӕхста, уый – Хуыцауы ныхас ӕххӕстӕй фехъусын кӕнын.
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода