Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты, [уе 'лгъитджытӕн хорзӕх курут Хуыцауӕй, хорз кӕнут, сымахӕй йе сӕфт чи уыны, уыдонӕн,] кувут уе 'фхӕрджыты тыххӕй. Йӕ фыдӕхӕн макӕмӕн фидут фыдӕхӕй. Ӕппӕт адӕмы цӕсты хорз цы у, архайут уый кӕныныл. Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй фыдӕхӕн мачи фида фыдӕхӕй, фӕлӕ иудадзыг тырнут кӕрӕдзийӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хорз саразынмӕ. Хуыцау загъта: «Ӕцӕгӕй дӕ Мӕ арфӕты бын фӕкӕндзынӕн ӕмӕ дын ратдзынӕн тынг бирӕ цот». Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы афтӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгтӕй кӕрон сӕвӕрат ӕнӕзонд адӕмы ӕнӕфенд ныхӕстӕн. Дзырдтой Йын ӕвзӕртӕ, фӕлӕ ӕвзӕр ныхасӕй дзуапп нӕ лӕвӕрдта, хъизӕмарӕй Йӕ мардтой, фӕлӕ сӕ никӕмӕ ӕртхъирӕн кодта – ӕппӕт дӕр бакодта Ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕджы ӕвджид.
Выбор основного перевода