Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Уӕд Хуыцау загъта: «Ӕз ын кӕй радтон, Мӕ уыцы уды адӕймаг мыггагмӕ мацӕмӕ дара, уый нӕ уыдзӕн; адӕймаг мӕлӕтон у, йӕ царды ӕмгъуыд уӕд сӕдӕ дыууын азы». Хуыцау федта, адӕм зӕххыл бынтондӕр кӕй фехӕлдысты, сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ кӕддӕриддӕр ӕрмӕст фыдӕхмӕ арӕзт кӕй сты, уый. Доны хъаймӕтӕй аирвӕзыны тыххӕй Ной, йӕ фырттӕ, йӕ ус ӕмӕ йӕ фыртты устытӕ бацыдысты наумӕ. Доны хъаймӕт зӕххыл ахаста дыууиссӕдз боны; дон сбирӕ, науы систа хӕрдмӕ ӕмӕ йӕ хӕссын байдыдта. Уӕд Ной, йӕ фырттӕ, йӕ ус ӕмӕ йӕ чындзытӕ рацыдысты науӕй. Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыд, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстгӕнӕгыл. Кӕд рагон дунейыл нӕ бацауӕрста, бахызта ӕрмӕстдӕр рӕстдзинады фидиуӕг Нойы йӕ бинонтимӕ – аст адӕймаджы, ӕнӕхуыцӕутты дуне та доны хъаймӕтӕй фесӕфта;
Выбор основного перевода