Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Уӕ ныхас кӕддӕриддӕр уӕд зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ нывыл, ӕмӕ зонут, кӕмӕн цы дзуапп дӕттын хъӕуы, уый. Арфӕгонд уӕд нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд. Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уымӕй нын Йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ радта ног цард ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ зӕрдӕдарӕн – Уымӕ гӕсгӕ уӕ зонд уӕд архайынмӕ цӕттӕ ӕмӕ цырд лӕуут; уӕ зӕрдӕ фидарӕй дарут, Йесо Чырысти куы ӕрцӕуа, уӕд цы хорзӕх райсдзыстут, ууыл. Чи никӕй хъулон кӕны, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ Чи хӕссы тӕрхон, кӕд Уый уӕ Фыд хонут, уӕд ӕцӕгӕлон бӕстӕйы уӕ цард ӕрвитут афтӕ, ӕмӕ уӕм Хуыцауы тас куыд уа. Йӕ фӕрцы сымах баууӕндыдыстут Хуыцауыл. Уый Йӕ райгас кодта мӕрдтӕй ӕмӕ Йын радта намыс, Хуыцауыл куыд ӕууӕндат ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ куыд дарат. Ӕвзӕргӕнӕг дарддӕр кӕнӕд ӕвзӕр митӕ. Чъизи адӕймаг дарддӕр чъизи кӕнӕд йӕхи. Рӕстгӕнӕг дарддӕр кӕнӕд раст хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сыгъдӕг дарддӕр цӕрӕд сыгъдӕгӕй».
Выбор основного перевода