Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Уе 'взӕр хъуыддӕгты тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафат ӕмӕ куы быхсат, уӕд дзы раппӕлинагӕй цы ис? Фӕлӕ кӕд хорз хъуыддӕгтӕ аразут, афтӕмӕй хъизӕмар ӕвзарут ӕмӕ стут фӕразон, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у – Хуыцау уӕ уый тыххӕй сӕвзӕрста. Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр хъизӕмар бавзӕрста сымах сӕраппонд, ӕмӕ уын у фӕзминаг, цӕмӕй цӕуат Йӕ фӕдыл. Чырысти тӕригъӕды никуы бафтыд, ӕмӕ Йӕ дзыхӕй мӕнгныхас никуы рацыди. Дзырдтой Йын ӕвзӕртӕ, фӕлӕ ӕвзӕр ныхасӕй дзуапп нӕ лӕвӕрдта, хъизӕмарӕй Йӕ мардтой, фӕлӕ сӕ никӕмӕ ӕртхъирӕн кодта – ӕппӕт дӕр бакодта Ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕджы ӕвджид. Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстдзинадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут. Кӕд уыл Чырыстийы номы тыххӕй цъыф калынц, уӕд тӕхудиаг стут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы намысджын Уд уӕ зӕрдӕты ис. [Уыдон Ӕй фауынц, сымах та Йӕ кадджын кӕнут.] Ӕрмӕст марыны, кӕнӕ давыны, кӕнӕ ӕндӕр фыдракӕнды, кӕнӕ искӕй хъуыддӕгты хи нытъыссыны тыххӕй уӕ ӕфхӕрд макӕмӕ ӕрхауӕд. Фӕлӕ чырыстон кӕй у, кӕд уый тыххӕй исчи тухӕны ӕфты, уӕд ӕм худинаг ма кӕсӕд, фӕлӕ стауӕд Хуыцауы, цы ном хӕссы, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ ралӕууыд тӕрхонӕн Хуыцауы хӕдзарӕй райдайыны рӕстӕг. Ӕмӕ кӕд тӕрхон махӕй райдайдзӕн, уӕд Хуыцауы фарны уацӕн чи нӕ сӕтты, уыдонӕн та цӕуыл ахицӕн уыдзӕн? «Кӕд рӕстгӕнӕг зынтӕй ирвӕзы, уӕд ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджын цы фӕуыдзӕн?» Уӕдӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ чи ӕвзары тухӕн, уыдон сӕхи бафӕдзӕхсӕнт иузӕрдион Сфӕлдисӕгыл ӕмӕ дарддӕр дӕр аразӕнт хорз хъуыддӕгтӕ.
Выбор основного перевода