Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Тӕхудиаг сты рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафджытӕ – Уӕларвон Паддзахад уыдоны у. Уымӕн ӕмӕ исчи ӕназымӕй ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ куы ӕвзара, ӕмӕ Хуыцауимӕ йӕ зӕрдӕ кӕй ис, уый сӕраппонд куы быхса, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у. Уе 'взӕр хъуыддӕгты тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафат ӕмӕ куы быхсат, уӕд дзы раппӕлинагӕй цы ис? Фӕлӕ кӕд хорз хъуыддӕгтӕ аразут, афтӕмӕй хъизӕмар ӕвзарут ӕмӕ стут фӕразон, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у – Кӕд уыл Чырыстийы номы тыххӕй цъыф калынц, уӕд тӕхудиаг стут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы намысджын Уд уӕ зӕрдӕты ис. [Уыдон Ӕй фауынц, сымах та Йӕ кадджын кӕнут.] Мӕ хъӕбултӕ, мачи уӕ асайӕд. Рӕстӕй чи цӕры, уый рӕстгӕнӕг у, Чырысти рӕстгӕнӕг куыд у, афтӕ.
Выбор основного перевода