Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Уӕдӕ ды дӕ нывондимӕ нывондхӕссӕнмӕ куы ӕрцӕуай, ӕмӕ дӕм де 'фсымӕр цӕйдӕр тыххӕй кӕй фӕхъыг, уый дӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууа, Уӕд дӕ нывонд ныууадз нывондхӕссӕны раз, ацу, бафидау уал де 'фсымӕримӕ, стӕй раздӕх ӕмӕ ӕрхӕсс дӕ нывонд. Бафидау ӕвӕстиатӕй дӕ зылынгӕнӕгимӕ, цалынмӕ йемӕ тӕрхондонмӕ цӕуыс, уӕдмӕ; науӕд дӕ бакӕндзӕн тӕрхонгӕнӕгмӕ, тӕрхонгӕнӕг дӕ ратдзӕн хъахъхъӕнӕгмӕ, ӕмӕ дӕ баппардзысты ахӕстоны. Ӕцӕг дын зӕгъын: цы бафидын дӕ хъӕуы, уый фӕстаг кодранты онг цалынмӕ раттай, уӕдмӕ нӕ рацӕудзынӕ уырдыгӕй. Мой хъуамӕ ӕххӕст кӕна, йӕ усы раз ыл цы хӕс ӕвӕрд ис, уый; афтӕ ус дӕр. Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, Чырысти Аргъуан куыд бауарзта, афтӕ – йӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, ӕмӕ сӕм тызмӕг ма ут. Алчидӕр уӕ сахуыр уӕд йӕ буар Хуыцауы фӕндиаг ӕнӕкъӕмӕй дарыныл,
Выбор основного перевода