Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Цӕрут ӕмзӕрдӕйӕ. Хъал ма ут; дунейы цӕсты чи нӕ ахады, уыдонӕй уӕлдӕр уӕхи ма ӕвӕрут. Уӕхи цӕсты зондджынтӕ ма ут. Сымах Хуыцау сӕвзӕрста, стут Йӕ сыгъдӕг ӕмӕ уарзон адӕм. Уӕдӕ ут тӕригъӕдгӕнаг, зӕрдӕхӕлар, сӕрныллӕг, ӕвӕлмас ӕмӕ фӕразон. Иннӕтӕй хи уӕлдӕр ӕвӕрыны кӕнӕ кадмӕ бӕллыны сӕраппонд мацы аразут, фӕлӕ ут сӕрныллӕг – иу иннӕйы нымайӕд йӕхицӕй уӕлдӕрыл. Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уеппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».
Выбор основного перевода