Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Цӕмӕй йӕ цӕхса дон ӕмӕ ныхасӕй, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй снывонд кӕна Хуыцауӕн, Уӕд нӕ фервӕзын кодта, хорз хъуыддӕгтӕ нӕм цыма уыди, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ – ӕхсад ӕрцыдыстӕм ног цард дӕттӕг донӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Уды фӕрцы систӕм ног адӕм. Уӕд цас ӕмӕ цас тыхджындӕр у, мыггагмӕйы Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй – ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кусдзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн. Уӕдӕ ӕрцӕуӕм Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй, фидар уырнындзинадимӕ – Йесойы туг нын ссыгъдӕг кодта нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ ссӕрибар стӕм ӕфсармы тӕрхонӕй, нӕ буар нын цӕхсадӕуыд сыгъдӕг донӕй. Арфӕгонд уӕд нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд. Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уымӕй нын Йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ радта ног цард ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ зӕрдӕдарӕн –
Выбор основного перевода