Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Кӕцыфӕнды сахар кӕнӕ хъӕумӕ дӕр куы бацӕуат, уӕд-иу дзы ссарут аккаг адӕймаг, ӕмӕ-иу ӕм баззайут, цалынмӕ уырдыгӕй рацӕуат, уӕдмӕ. Хӕдзармӕ куы бацӕуат, уӕд-иу арфӕ ракӕнут. Ӕмӕ хӕдзар аккаг куы уа, уӕд ыл уӕ арфӕ ӕрцӕудзӕни. Кӕд аккаг нӕ уа, уӕд уӕ арфӕ раздӕхдзӕн уӕхимӕ. Исчи уӕ куы не суазӕг кӕна ӕмӕ уын уӕ ныхасмӕ куы нӕ байхъуса, уӕд-иу, уыцы хӕдзарӕй кӕнӕ уыцы сахарӕй рацӕугӕйӕ, ацӕгъдут уӕ къӕхты рыг. Иудейтӕ та уыйбӕрц адӕм куы федтой, уӕд фырхӕлӕгӕй фӕцӕйтыдтой, дзырдтой Павелы ныхӕсты ныхмӕ ӕмӕ йӕ ӕлгъыстой. Уыдон та фауынц, цы не 'мбарынц, уый. Ӕрцахсынӕн ӕмӕ ӕргӕвдынӕн чи райгуырд, ахӕм ӕнӕзонд цӕрӕгойтӕй уӕлдай не сты, кӕсынц се 'рдзыхъӕды коммӕ, ӕмӕ кӕй фехӕлдысты, уый сӕ ӕркӕндзӕни сӕфтмӕ. Уыдонӕн сӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ бафыстӕуыдзӕн хӕрамӕй. Ӕхсызгон сын сты се 'рвылбоны хиирхӕфсӕнтӕ; ӕлгъаг ӕмӕ ӕгадгӕнджытӕ, райгонд вӕййынц сӕ фӕливӕн митӕй, уемӕ куы фӕцӕл кӕнынц, уӕд. Сӕ цӕстытӕ агурынц хӕтаг сылгоймӕгты, тӕригъӕдӕй ӕфсис нӕ зонынц; сӕ къӕппӕджы бахауынц, йӕ уырнынад кӕмӕн не сфидар, ахӕмтӕ. Сӕ зӕрдӕтӕ систы кӕрӕф, уыдон ӕлгъыст сты, Ныууагътой раст фӕндаг, фӕдзӕгъӕл сты ӕмӕ ацыдысты Восоры фырт Валаамы фӕндагыл – уый бабӕллыд йӕ тӕригъӕды тыххӕй мызд райсынмӕ, Фӕлӕ йын йӕ цӕстмӕ бадардӕуыди, зылын кӕй у, уый: ӕгомыг хӕрӕг сдзырдта адӕймаджы ӕвзагӕй ӕмӕ пехуымпары бахызта сӕрхъӕн мийӕ. Ахӕмтӕ сты хуыскъ суадӕттӕ, уад кӕй ахӕссы, ахӕм мигътӕ. Уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы саудалынг. Уыдон кӕнынц хиппӕлой ӕмӕ ницӕйаг ныхӕстӕ, чъизи мондӕгты къӕппӕгӕй ахсынц, зылын фӕндагыл цӕуджытӕй нырма ныр чи фӕхицӕн, ахӕмты. Зӕрдӕ сын ӕвӕрынц сӕрибарӕй, афтӕмӕй сӕхӕдӕг та мӕлӕты цагъартӕ сты, уымӕн ӕмӕ чи кӕмӕн басасти, уый уымӕн цагъар у. Кӕд нӕ Хицау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы базоныны фӕрцы фервӕзтысты дунейы чъизитӕй, фӕлӕ та дзы ногӕй суйтӕ кӕнынц ӕмӕ сӕ амӕддаг баисты, уӕд сӕ фӕстаг уавӕр фыццагӕй фыддӕр уыдзӕн. Уыдон базыдтой раст фӕндаг, фӕлӕ ныууагътой, цы сыгъдӕг фӕдзӕхст сын лӕвӕрд ӕрцыд, уый. Уыцы раст фӕндаг куы нӕ базыдтаиккой, уӕд сын хуыздӕр уыдаид. Фӕлӕ уыдоныл ӕрцыди раст ӕмбисонд: «Куыдз раздӕхы йӕ омдзӕгмӕ», «ӕхсад хуы ацӕуы цъыфы йӕхи сӕвдулынмӕ».
Выбор основного перевода