Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Бӕласӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дыргъ дӕр кӕнӕ хорзыл банымайут, кӕнӕ та йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дыргъ дӕр ӕвзӕрыл банымайут. Уымӕн ӕмӕ бӕлас йӕ дыргъӕй бӕрӕг вӕййы. Хорз адӕймаг хорз хӕзнадонӕй рахӕссы хорзӕх; фыдзӕрдӕ адӕймаг та фыдӕхы къӕбицӕй рахӕссы фыдӕх. Уымӕн ӕмӕ Йесо сдзӕбӕх кодта бирӕты, ӕмӕ Йыл ӕппӕт рынчынтӕ ӕппӕрстой сӕхи, цӕмӕй Йыл бандзӕвой. Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хъуыддӕгтӕ зындгонд сты: хӕтын, чъизи ӕмӕ ӕлгъаг митӕ, Мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, кӕлӕнтӕ, фыдӕх, хъаугъатӕ, мӕсты кӕнын, хи уӕлдӕр ӕвӕрын, кӕрӕдзи не 'мбарын, къордтыл дихтӕ кӕнын, Хӕлӕгцӕст, марын, фыднозт, ӕнӕуаг митӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Дзырдтон уын ӕмӕ уын ныр дӕр зӕгъын: ахӕм митӕ чи кӕны, уыдон Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты. Уд та дӕтты уарзт, цин, фарн, фӕразондзинад, адӕймаджы кӕны зӕрдӕхӕлар, рӕдау, иузӕрдион, Ӕвӕлмас, хиуылхӕцгӕ. Ахӕмтӕм Ӕгъдау бар нӕ дары. Ме 'фсымӕртӕ, легъуибӕласыл, мыййаг, зетибӕласы гагатӕ ӕрзайдзӕни, сӕнӕфсирыл та – легъуийы дыргътӕ? Афтӕ цӕхджын суадонӕй дӕр адджын дон нӕ гуыры.
Выбор основного перевода